Цхинвалы басыгъд хæдтулгæ
Иу хабар ма Хуссар Ирыстонæй. Ивгъуыд изæры Цхинвалы бæстастæу ныррухс ис. Адæм фыццаг банхъæлдтой, æмæ Ног азы бæрæгбоны фейерверк у. Фæлæ хъуыддаг бынтон æндæр уыд. Бынæттон кафетæй иуы дуармæ зынг сирвæзт фæсарæйнаг «Тойотæйыл». Барæй йæ басыгътой æви йæхæдæг исты кодта, уый ничима зоны. Хæдтулгæ сыгъдис цалдæр минуты, уыйфæстæ срæмыгъта. Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, адæмæй хъыгдард ничи баййæфта. Ныртæккæ цау равзарыныл кусынц Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты слестгæнджытæ. Бæлвырд чи нæу, ахæм ныхæстæм гæсгæ хæдтулгæйы хицау уыдис кафейы разамонæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Цхинвалы басыгъд хæдтулгæ
Категория:
Новости и СМИ