Дзæуджыхъæуы 44-æм скъолайы ахуырдзаутæн радзырдтой нырыккон технологитæй куыд ис æдасæй пайда кæнын
Куыд ис нырыккон технологитæй адасæй пайда кæнын, уый тыххæй радзырдтой 44 скъолайы ахуырдзаутæн. Æппæтуæрæсеон ахуырадон проекты фæлгæты сын сарæзтой Нымæцы урок. IT-специалисттæ сæ базонгæ кодтой смартфонтæ куыд арæзт сты, уыимæ, равдыстой сын интернеты хызæджы конды тыххæй. Биноныгæй æрдзырдтой кибертасдзинадыл дæр. Уымæй уæлдай-ма ахуырдзауты сахуыр кодтой хи тыххæй бæрæггæнтæ раст фыссын æмæ хъахъхъæныныл. Фембæлд рауад цымыдисаг, скъоладзаутæ лæвæрдтой фæрстытæ дæр.