Аланийы аргъуыды 1100 азимæ баст Координацион æмбырд
Федералон центримæ æмарахайд хуыздæрырдæм зыны ахсджиагдæр фарстатæ лыггæнгæйæ. Уый тыххæй Битарты Вячеслав фæнысан кодта Аланийы аргъуыды 1100 азимæ баст Координацион æмбырды. Архайдтой ма дзы хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ æмæ Уæрæсейы Президенты цур æххæстбарджын минæвар Дзанайты Барис. Æмбырд уыд Мæскуыйы. Сæрдариуæг дзы кодта Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Ольга Голодец. Æрдзырдтой, Аланийы 1100 азы аргъуыды бæрæгбоны мадзæлттыл цы ахсджиаг хæслæвæрд ис, ууыл. Ахсджиаг у рухстауæн куыст кæнын. Уымæ ахадгæ æвæрæн бахæсдзысты дыууæ равдысты - «Алания. Истоки цивилизации» æмæ «Аланы. Сокровища аланских князей». Документалон кинонывтæ ист цæуынц Фæллойы æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты нæмттæ хъуыдыгæнгæйæ. Сты не `мзæххонтæ. Цæмæй бæрæгбон бæрзонд æмвæзадыл ацæуа, уый тыххæй федералон центр кæны стыр æххуыс. Лæмбынæгæй сæ хъус æрдардтой тæккæ ахсджиагдæр фарстатæм: аргъуаны мидæг сæйраг дзуæртты къорд æмæ кувæн бынат саразын, стæй Уæлахиздзау Сыгъдæг Георгийы номыл Кафедралон аргъуаны къултыл нывджын фæлыст скæнын. Ныхас цæуы ног объекттæ аразыныл æмæ ныртæккæ чи ис, уыдон сцалцæг кæныныл. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, Ольга Голодецы æххуысæй 2020 азмæ федералон бюджетмæ хаст æрцыд æхцайы фæрæзтæ республион стадион «Спартак» -ы цалцæгæн. Уыимæ хъæуы рацаразын Уырыссаг драмон театр дæр. Æппæт проектон-сметон документаци у цæттæ. Бирæвæрсыг спорты галуаны проектыл дæр ныртæккæ цæуы куыст. Арæзт æрцæудзæн Дзæуджыхъæуы. Галуаны бынат уыдзæн 5 мин адæймагæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Аланийы аргъуыды 1100 азимæ баст Координацион æмбырд
Категория:
Новости и СМИ