судьба человека
Цæгатирыстойнæгтæй хæсты чи фæмард, уыцы цыппар цæрæджы хъысмæт сбæрæг кодтой Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады уæнгтæ. Уый къухы бафтыд «Судьба солдата», зæгъгæ, Уæрæсейы агурæн змæлдимæ иумæйаг акцийы руаджы. Æппæт информаци кадджын уавæры радтой хæстонты хиуæттæн. Ацы аз майы сымбырд кодтой 188 курдиаты. Фæхæццæ сæ кодтой агурæн змæлдмæ. Акцийы сæйраг нысан фæсивæды хъомылады райрæзтыл бакусын. Салдæтты хъысмæт куыд рауад, кæм ныгæд сты, уый тыххæй радзырдта Æппæтадæмон фронты регионалон штабы уæнг Бедойты Руслан. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ Цæгат Ирыстонæй 95 мин адæймаджы кæй ацыд, уыдонæй 79 хорзæхджынгонд сты Советон Цæдисы хъайтары майдантæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
судьба человека
Категория:
Новости и СМИ