У æххуысцух
Дзæуджыхъæуы вагæттæ цалцæггæнæн завод уæззау рæстæджытæ `ййæфы. Кæд заводæн афæдзы кæронмæ куыст ис, уæддæр сæ уавæр сæ хуыздæртæй нæу. Хъуыддаг афтæ у, æмæ завод ныртæккæ æрмæст кæддæры уагъд вагæттæ цалцæг кæны. Цæмæй ноджы нырыккондæртæм рахизой, уый тыххæй сæ хъæуы абоны домæнты кусæнгæрзтæ. Нæ республикæйы хицауад хъæугæ мадзæлттæ аразы хъуыддагыл бакуысынæн. Куыд, уый уын радзурдзæн нæ уацхæссæг. Сергей Духанин ацы заводы слесырæй 45 азы кусы. Вагæтты хъармгæнæн системæ цалцæг кæны. Бæргæ ма раздæры рæстæг æрымысы. Ивгъуыд æнусы 70-æм Азты æрбацыд кусынмæ ацы заводмæ. Уæд куыстуат бæргæ йæ тæмæны уыд. 3000 адæймагæй дзы фылдæр фыдæбон кодта. Ныртæккæ та заводыл уæззау рæстæджытæ скодта. Сергей Духанин: «Нæ куыстуат уæлдай зын уавæры фæстаг 7 азы ис. Ныртæккæ ам 500 адæймаджы фыдæбон кæнынц. Кусы æрмæст бæлцæттæласæн вагæтты цех, уæзæгтæ ласæн цалцæггæнæн цех уæвгæ кусгæ дæр нæ кæны». Вагæттæ цалцæг кæнæн цехы ахорæнты тæф фындзыл уайы. Афæдзы кæрон завод сабыргай сызмæлыд. «Хъырымы æфсæнвæндаджы» вагæттæ цалцæг кæнын райдыдта. Ногæй баивын хъæуы æппæт гæрзтæ дæр. Дæсгай Азты вагæттæ цалцæггонд нæ уыдысты. Цехы дæргъ 100 метры у. Вагæттæ уал фыццаг ардæм æрбатæрынц. Уый фæстæ сæ райдайынц цалцæг кæнын. Æдæппæтæй дæс къæпхæнмæ гæсгæ. Æппæт куыстыты фæстæ вагон раст цыма ног джиппы рауадзынц, афтæ фæкæсы адæймагмæ. Заводы разамонæг нын куыд радзырдта, афтæмæй куыстуат хъуамæ сæхгæдтаиккой. Иунæг заказ дæр сæм нæ уыд. Уымæ гæсгæ кусджыты нымæц дæр фæкъаддæр кодтой. Ныртæккæ куыстуат хъæуы ног гæрзтæй сифтонг кæнын. Сæ къухы цы ис, уыдон сын бар дæттынц æрмæст, сæ куысты `мгъуыд кæмæн фæцис, ахæм вагæттæ цæлцæг кæнынæн. Тамаз Дзебисов: «Вагæттæ цалцæг кæнынæн мæнæ ацы цех 2002-æм азы сарæзтам. 260 вагоны дзы ис афæдзмæ сцалцæг кæнæн. Фæлæ ацы аз цех йæ 10 проценты дæр нæ бакуыста». Промышленность æмæ транспорты министр Хайдарбек Бутовы ныхæстæм гæсгæ, хицауад æппæт хъæугæ мадзæлттæ дæр аразы, цæмæй завод ногæй æркуса æмæ разагдæрты æмрæнхъ æрлæууа. Уый тыххæй Цæгат Ирыстонмæ æрæджы ссыд Уæрæсейы Æфсæнвæндаджы вице-президет Андрей Старков дæр. Хайдарбек Бутов, РЦИ-Аланийы промышленность æмæ транспорты министр: «Фæнды нæ завод нырыккон домæнтæм гæсгæ рацаразын. Абоны æууæлтæм гæсгæ йæ хъуамæ сифтонг кæнæм. Уый сын, 2000 азæй фæстæмæ цы вагæттæ рауагътой, уыдон дæр цалцæг кæнынæн бар ратдзæн». Тагъд рæстæджы куыстуаты уæгъд фæзуатыл уæзæгтæ ласæн компани фæнд кæны перлитæй змисимæ кусын. Фæсарæнтæй йæ ласдзысты. Уый заводæн фадат ратдзæн йæ гæнæнтæ фæуæрæхдæр кæнынæн. Уымæй уæлдай ма йын йе `фтиæгтæ фæфылдæр кæныны хæс дæр сæххæст кæндзысты. Уазиты Зæлинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
У æххуысцух
Категория:
Новости и СМИ