РЦИ-Аланийы ахуырады сгуыхт кусæг Роальд Каупушыл сæххæст 90 азы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

18 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

18 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

18 просмотров

5 лет назад

Æрдз уарзын æмæ хъахъхъæнын Роальд Каупушæн у йæ царды сæйраг нысан. Хъæды хæдзарадæн снывонд кодта йæ цард. Ныр 70 азы йæ зонындзинæдтæ не`вгъау кæны студенттæн. Ахуыр сæ кæны уарзын æмæ аргъ кæнын нæ бæстæйы хъæздыг æмæ рӕсугъд æрдзæн. Уæдæ йын студенттæ дӕр йæ ахуыртæм фæтагъд кæнынц, цух нæ кæнынц. Бæлвырддæр – нæ дарддæры æрмæджы. Николай Некрасовы  уацмыс «Железная дорога» ӕмӕ Пушкины «Евгений Онегин» 90-аздзыд Роальд Каупуш ныр дæр ма иттæг хорз хъуыды кæны. Фыццаг курсы студенттæ йæм лæмбынæг хъусынц. Литературæйы урокты Роальд Капушы арæх суазæг кæнынц. Ахуыргæнæг йæ предмет тынг хорз зоны. Студентты дисы æфтауынц йæ зонындзинæдтæ. Сты арф æмæ алывæрсыг. Фæсивæдæй фæсаууонмæ ахуыртæм чи цæуы, уыдонæн Роальд Каупуш скӕны консультацитæ. Æнæмæнг, хæдзармæ куыстимæ. Фæсивæдæн сæ фылдæр кусынц фæдзæхст бынæттæ æмæ хъæды хадзарæдты. Зæгъæм, ныр сæ зонгæ кæнынц хъæд сног кæныны мадзæлттимæ. Техникумы Роальд Каупушы уарзынц, кад ын кæнынц. Ам кусы 70 азы. Йæ ахуыртæм студенттæ тынг разæгардæй цæуынц, нæ сæ фæцух кæнынц. Йе`мкусджыты та дисы 'фтауы йæ фæлтæрддзинад. Ацы парчы йын алы бæлас, алы кæрдæджы хал дæр у зонгæ. Ам бирæазон зайæгойты 'хсæн ис, æрдзы стæм хатт чи æмбæлы, ахæмтæ дæр. Зæгъæм, æхсæр æмæ платан. Роальд Каупуш йæ равзæрд дæсныйадыл никуы фæфæсмон кодта. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, физикæ æмæ математикæйы æрмæджытæ-иу æнцонтæй æмбæрста, фæлæ Бауманы номыл техникон университетмæ нæ бахауд. Каст фæци Хъæдытехникон  академи Ленинграды. Ахуыры фæстæ ӕрвыст ӕрцыд Цæгат Ирыстонмæ. У Цæгат Кавказы хъæды хæдзарады техникумы бындурæвæрджытæй иу. Стыр амондыл ӕй нымайы, йæ зонындзинæдтæ фæсивæдæн кæй дӕтты, уый. Алы къуыри дæр æрыгон адæмы ахоны балцы. Ахуыртæ, лекцитæ, консультацитæ. Роальд Каупуш алы хъуыддагмæ дæр бæстонæй бавналы. Нæ бавгъау кæны йæ хъарутæ. Куыд зæгъы, афтæмæй сæйрагдæр у хи хъуыддаг, адæм æмæ цард уарзын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv