Кировы районы дарддзæф хъæутæй иу - Раздзог

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

Царды рухс ма кæлы Радзогы. Фæлæ бынæттон цæрджытæ сæ цардæй бынтон разы не сты. Бирæ райхалинаг фарстатæ разыны куыд иу бынæттон цæрæгмæ, афтæ æгас хъæуы дæр. Сæйрагдæртæй иу - Раздзоджы куысты бынæттæ кæй нæй, уый. Ахæм уавæры сты цалдæр азы. Хуыздæр бынат агургæйæ, адæм æндæр горæттæм сæ фæндаг акæнынц. Уый, хъыгагæн, риссаг фарста у нæ республикæйы æппæт хъæуты дæр. Дæнцæгæн сæ æрхæссæн ис. Адæм сæхи амæлттæй архайынц. Уæдæ уавæр хорзы рдæм аивыныл бæрнон кусджытæ дæр хъавынц кусын.  Раздзоджы хъæу цæмæй хъуамæ ацæуа æцæгæй дæр размæ, уый тыххæй радзурдзысты нæ уацхæсджытæ. Раздзоджы цардамæлттæ кæныныл адæм рагæй архайынц. Тыгдæр сæ цы тыхсын кæны, уый æгуыстдзинад. Уæлдайдæр фæсивæды. Цæмæй истæуыл хæст уой, уый тыххæй æрвылбон цæуынц æндæр рæттæм. Се `взаргæдæр фæллойдæттæг - Беслæн. Стæй Дзæуджыхъæу. Фæлæ куысты фæдыл ахæм дыууæрдæм цоппай дзыпп уайтагъд раафтид кæны. Сæ мыздæн йе `рдæг фæндæгтыл баззайы. Уымæ гæсгæ, куыддæр скъолайы къæсæрæй хъæуы цæрæг ракæсы, афтæ йæ дард ранмæ куысты фæдыл ацæуын бафæнды. Фæстæмæ дзы, зæгъæн ис, æмæ здæхгæ дæр ничиуал ракæны. Адæмы нымæц та уымæй къаддæрæй-къаддæр кæны. Канд æгуыстæй нæ тыхсынц хъæуккæгтæ. Æнтæф рæстæг куы скæны, уæд сæм нуазыны дон дæр байсысы. Ацы хъуыддагæй нырма тынг цыбыркъух сты. Иучысыл сæ уавæр фæрогдæр, 5 азы размæ хъæуы сывæллæтты рæвдауæндон куы фæзындис, уæд. Раздæр-иу ныййарджытæ сæ сабиты цалдæр километры сæрты ластой сыхаг хъæутæм. Дзырдæн зæгъæм, Раздзоджы ныртæккæ рæвдауæндоны лæггæдтæ хъæуынц 40 сывæллоны. Цы сын кæной, уый æрхъуыды кодтой. Рæвдауæндоны хæстæ бабар кодтой скъолайы иу хайæн. Фæлæ уый хъуыддагыл бынтон рæстмæ нæ ахады, ныййарджыты хъуыдымæ гæсгæ. Æмæ æрмæст рæвдауæндон куы уаид сæ сæрриссæн. Адæмы ма тыхсын кæны сæрвæтты уавæр дæр. Хъаст кæнынц, нæ бар сыл нал цæуы, зæгъгæ. Сæ фос кæдæм ратæрой, уый сын нал баззад. Хъæуы социалон-экономикон рæзты уæддæр хæрзмæ ивддзинæдтæ ис. Сцалцæг кодтой, Раздзогмæ цы фæндаг цæуы, уый. Рæхджы дзы хъуамæ саразой ног амбулатори. Адæм сæ зæрдæ дарынц, кæнинагæй ма сæм цы баззад, уыдæттæм дæр хицауад йе `ргом кæй аздахдзæн. Ныридæгæн хъæуы цæрджыты нымæц хæццæ кæны 500 адæймагмæ. Ам сты сæ райгуырдæй фæстæмæ. Сæ зæрдæ дарынц, царды уавæрты аххосæй сæ сæ цæрæнбынæттæй сыстын кæй нал бахъæудзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Кировы районы дарддзæф хъæутæй иу - Раздзог

Категория:

Новости и СМИ