Беслæны æмбырды минæвæртты æвзæрстыты архайдтой 11686 адæймаджы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Беслæны цæрджытæ сæ граждайнаг хæс сæххæст кодтой. 41% фылдæр æрбацыд Беслæны æмбырды минæвæртты æвзæрстытæм, уый у 11 мины 686 адæймаджы. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ æвзæрстыты фæуæлахиз парти «Иугонд Уæрæсе». Ууыл схъæлæс кодтой 46,40% æвзарджытæ. Дыккаг бынат ахсы парти «Уæрæсейы патриоттæ» - 10,78%. «Уæрæсейы коммунистон парти»-йы Цæгат Ирыстоны республикон хайады партийæн сæ хъæлæстæ радтой 5,80%. Парти «Родина»-мæ ис 1,62%, «Уæрæсейы либераллон демократон партимæ»-та 1,13%. Беслæны, хъæлæскæныны бон куыстой 15 æвзарæн хайады. Уыдон ифтонггонд уыдысты нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм кусæнгæрзтæй. Бюллетентæ нымадтой «КОИБ» кæй хонынц, уыцы техникон гæрзты руаджы. Дыууæ уæлæмхасæн хайады ма байгом кодтой Беслæны медицинон центры æмæ районы рынчындоны. Æвзæрстыты рæстæг барадхæлдтытæ не сбæрæг ис. Фæлæ уæддæр бынæттон æвзарæн къамисмæ цалдæр курдиаты балæвæрдтой. Уым куыд бамбарын кодтой афтæмæй сæм хæстæгдæр рæстæг се`ргом раздахдзысты. Æвзæрстытæ куыд цыдысты, уымæ кастысты куыд æхсæнадон, афтæ партитæй цæстдарджытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Беслæны æмбырды минæвæртты æвзæрстыты архайдтой 11686 адæймаджы

Категория:

Новости и СМИ