Терроризмы ныхмæ мадзæлттæн дзуапдæттæг чи у, уыцы æххæстгæнæг хицауады æмæ бынæттон хиуынаффæйады

Терроризмы ныхмæ мадзæлттæн дзуапдæттæг чи у, уыцы æххæстгæнæг хицауады æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнты кусджыты архайдимæ уыд Терроризмы ныхмæ къамисы æмбырд. Амыдта йæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны ног ахуыры азы агъоммæ ахуырадон объекттæн терроризмы ныхмæ æдасдзинадæн рахай кодтой 166 милуан сомы. Уый руаджы ахуыргæннæндæттæ сифтонг кодтой хъахъхъæнынады системæтæй. Уымæй уæлдай ма дзуапдæттæг министрад фæнд кæны педагогтæн сæрмагонд ахуыртæ снысан кæнын, цæмæй рагагъоммæ иртасой фыдгæнджыты къорды архайд, психологтæн та семинартæ. Национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министр Бæгъиаты Алан радзырдта, ведомство 2024-æм азы райсдзæн адæмыхæттыты хъуыддæгты федералон агентадæй субсиди. Йæ руаджы æххæст кæндзысты адæммыхæттыты 'хсæн ахастдзинæдты программæ. Министры ныхæстæм гæсгæ, хорз гæнæн у æнæкоммерцион организацитæй социалон къабазы чи архайы, уыдонæн æххуыс. Ацы аз паддзахад субсидиты хуызы балæууыд 12 ахæм организацийы фарсмæ. Уымæй уæлдай ма хъæуы цæрджыты хицæн къордтимæ профилактикон ныхас кæнын. Афæдзы райдианæй терроризмы æмæ экстремизмы ныхмæ сарæзтой 230 мадзалы. Аххæсыдысты 8 мин адæймагыл.

Иконка канала IRYSTONTV
1 465 подписчиков
12+
54 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии