Мызуры скъола бындуронæй цалцæг кæнынц

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

7 лет назад

Мызуры скъолайæн хæрзгæнæг разынд. 1918 азы йæ саразтой. Уæдæй нырмæ бындуронæй цалцæггонд нырма не`рцыд. Ацы аз меценатты руаджы 1-æм сентябры скъоладзаутæ бацæудзысты райдзаст æмæ сыгъдæг кълæстæм. Арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц уый сбæрæг кæнынмæ араст не сфæлдыстадон къорд. Мызуры скъолайы ног ахуыры азмæ бæстонæй цæттæ кæнынц. Ахуыргæнæндоны райсомæй изæрмæ фыдæбон кæнынц кусджытæ. Уæгъд рæстæг сын æппындæр нæй. Куыстытæ хъуамæ баххæст кæной 1-æм сентябрмæ. Алæгиры комуналон æвæрæнты разамонæг Моурауты Хъазыбег куыд радзырдта, афтæмæй скъолайы донуадзæн хæтæлтæ æрцыдысты заууатмæ. ныртæккæ сæ ногæй баивтой. Цалцæггæн куыстытæ куыд баххæст кодтой уый тыххæй скодта хатдзæгтæ. Ацы комы скъолайы ахуыр кæны 200 скъоладзауы. Канд Мызуры сывæллæттæ нæ, фæлæ ма Унал, Уæллаг Мызур æмæ Буроны сабитæ. Цæмæй скъоладзаутæ уроччытæм ма æрæджы кæной уый тыххæй ахуыргæнæндоны ис 2 автобусы. Фыццаг сын радтой 2016 азы. Дыккаг та сын ацы аз балæвар кодта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Скъолайы директор Калоты Ольга куыд зæгъы, афтæмæй ахуыргæнæндоны бæстыхай бындурон цалцæггонд никуы уыд. Ахуыргæнджытæ хи хъаруйæ сыгъдæгдзинадыл архайдтой. Цалцæггæнæн куыстытæн уын æхцайы фæрæзтæ кæм уыд, зæгъæ фарст куы радтам. Уæд нын скъолайы кусджытæ равдыстой аразджытæй иумæ. Уый разынд Цогойты Феликс. Меценат хи фæрæзтæй скъолайы бындурон цалцæгæн радих кодта 8 милуан сомы. Куыд зæгъы, афтæмæй арæзтадон æрмæджыты хæрзхъæддзинадмæ йæхæдæг фæкæсы. Цогойты Феликсы куы бафарстам арæзтадон куыстыты дæхæдæг цæмæ архайыс? Уæд нын æфсæрмы кæнгæйæ дзуапп радта - цæмæй мæнмæ гæсгæ иннæ кусджытæ дæр сæ куыст бæстонæй кæной. Фембæлды кæронбæттæн нын загъта- сывæллæттæн хъуамæ алцыдæр уа æппæты хуыздæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Мызуры скъола бындуронæй цалцæг кæнынц

Категория:

Новости и СМИ