Цæгат Ирыстоны медицинон академийы студенттæ фембæлдысты ахуыргæнæндоны хуыздæр рауагъдонтæй

Цæгат Ирыстоны медицинон академийы студенттæ фембæлдысты ахуыргæнæндоны хуыздæр рауагъдонтæй иу Мария Мирошниченкоимæ. Чызг аныхас кодта фæсивæдимæ, дзуæппытæ радтæ сæ фæрстытæн, бафæдзæхста сын, цæмæй сæ дæсныйадыл сæ зæрдæ ма сивой. Адæмæн æххуыс кæныны фæндон сæйраг кæй у медицинæйы, уый. 2 азы размæ Мария Мирошниченко каст фæцис дзæбæхгæнæн факультет. Æмæ йæ фыццаг бонтæй ис сæрмагонд æфсæддон операцийы. Æфсæддон дохтыр санитарон хæдтулгæйæ ласта цæфты. Афтæмæй, йæхи цардыл нæ ауæрдгæйæ фервæзын кодта йе 'мкусæг  фелсыры, стæй цæф æфсæддоны. Йæхæдæг дæр фæцис уæззау цæф. Хъæбатыр æмæ æхсардзинады тыххæй майдан ын радта Сергей Шойгу йæхæдæг. Ныртæккæ Мария Президенты æвзæрстыты агъоммæ сси Владимир Путины æууæнкджын адæймаг.

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
44 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии