Цъæйы альпинистты лагеры цæуынц студентон корпусы æппæтуæрæсеон ахуыртæ
Цъæйы альпинистты лагеры цæуынц студентон корпусы æппæтуæрæсеон ахуыртæ. 100 бархионы æрæмбырд сты нæ бæстæйы алы регионтæй, цæмæй бакусой сæ цæттæдзинадыл. Форум цæуы дыууæ къæпхæнæй: теори æмæ практикӕ. Хæхты чи фæдзæгъæл, ахæм туристты къорд куыд ссарын хъæуы æмæ цавæр уавæрты бахъæуы психологы æххуыс, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Фæндаггон фыдбылыз æрцыд. Дурты зæй рацыд. Туристтæ фæдзæгъæл сты хæхты. Æрцыд ма æрдзон фыдбылыз — дуне бæлæстæм бафтыд арты цӕхӕр. Æппæт ацы бæлæххæтæ уыцы иу рæстæг. Ахæм тактикон-быдырон ахуыртæ фæлтæрдджын ирвæзынгæнджытæ дæр ӕнцон нӕ рахондзысты. Фæлæ се 'ппæтæн дæр сæ цæттæдзинад хъуамæ уа æмхуызон – тыхджын. Фæрсæй-фӕрстӕм цæгатирыстойнаг ирвæзынгæнджытæ-бархионтæ кусынц Дагестан, Удмурти, Челябинск, Хърым, Курган æмæ Петербургæй архайджытимæ. Æмæ кæд ацы зын дæсныйады нырма цыбыр рæстæг сты, уæддæр æнæнхъæдæджы уавæрты сæхи равдисынц дæсны специалисттæй. Зæгъæм, мæнæ ацы хæдтулгæйæн тæссаг у былæй ахауынæй. Йæ шофыры аирвæзын кæныны тыххæй райдыдта сæрмагонд операци. Суинаг специалисттæ хъуамæ цæттæ уой, уавæр кæй февзæрдæр уыдзæн, уымæ. Хъæуы байгом кæнын хæдтулгæйы фæстаг дуар. Ацы цаутæ дæр сты пъланмæ гæсгæ. Фыдбылызы арæх разынынц, хъыгдæрд чи баййæфтæ, уыдоны хиуæттæ æмæ хæстæджытæ. Лада Хахлаева куыд зæгъы, афтæмæй, адӕмы тас кæй бацæуы, ӕмӕ фæхъыгдарынц ирвæзынгæнджыты сæ куыст кæнын. Уымæ гæсгæ, ахсджиаг у психологты куыст дæр. Цъæйы альпинистты лагеры сарæзтой бирæ мадзæлттæ, фæлæ бархионты форум, кæй зæгъын æй хъæуы, у æппæты ахсджиаг æмæ хъæугæ. Бархионтæ-ирвæзынгæнджытæн ай у æртыккаг форум. «Вектор спасения – Кавказ» цæуы дыууæ къæпхæнæй. 3 боны теори, дарддæр та — практикæ. Дыууæ бонмæ сбæрæг уыдзысты уæлахиздзаутæ. Хорзæхджынгонд æрцæудзысты кады гæххæттытæ æмæ кубоктæй. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ сæ хæс кæй сæххæст кодтой. АФтæмæй ма ирвæзынгæджыты 'хсæн фæзындзæн, æнæнхъæлæджы уæвæры æмбæлгæ æххуыс чи бакæндзæн, ахæм ног специалисттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv