Дзанайты Барис архайдта наркотикты ныхмæ тох кæныны паддзахадон къамисы æмбырды
Наркотиктимæ баст уæззау фыдракæндтæ фарон рабæрæг кодтой 11%-ы фылдæр. 3 хатты фæфылдæр æнæзакъон буаргъæдтæ уадзын, уæй кæнын æмæ сæ IT-технологитæй пайда кæнгæйæ æндæр рæттæм æрвитыны цаутæ. Кæй раргом кодтой, ахæм фыдракæндты нымæц дæр 20% фæфылдæр. Уый тыххæй фехъусын кодтой Наркотикты ныхмæ паддзахадон къамисы æмбырды. Амыдта йæ Уæрæсейы мидхъуыддæгты министр Владимир Колокольцев. Видеобастдзинады руаджы æмбырды архайдта премьер Дзанайты Барис. Специалистты ныхæстæм гæсгæ наркотиктæ адæймагæн цы зиан хæссынц, уый ныхмæ мадзæлтты пайда дæр ныридæгæн у ахадгæ. Æмтгæй райсгæйæ нæ бæстæйы бантыст наркотиктæй чи фæхъæстæ, уыцы адæмы нымæц рæзын кæнын ма бауадзын.