Хъæугæ цæстдард

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Ахуырадон лæггæтты хæрзхъæддзинадыл дзырдтой республикæйы æхсæнадон палатæйы советы радон æмбырды. Йæ архайджытæ сæ куыстæн скодтой хатдзæгтæ. Советы сæрдар Къесаты Ирыстоны ныхæстæм гæсгæ, ацы аз басгæрстой 21 ахуырадон куыстуаты. Се `хсæн - скъолатæ, лицейтæ, техникумтæ æмæ иу рæвдауæндон. Республикæйы ахуырады лæггæдтæй разыйæ баззадысты. Æрдзырдтой ма бархионты куысты райрæзтыл 2025 азы онг. Ацы хъуыддаджы æхсæнадон палатæйæн ресурсон центримæ ис æмбæлгæ æмгуыстдзинад. Дыууæ куыстуаты дæр фæнды бархионты `хсæн иу информацион фæз саразын. Уымæй уæлдай ма иумæйаг федералон системæ бархионты куысты хатдзæгты тыххæй снысан кæнын. Æмбырды ма ныхас кодтой форум «Сообщество»-мæ цæттæдзинадыл. Цæгат Ирыстоны ацы аз арæзт уыдзæн фыццаг хатт. Республикæйы æхсæнадон палатæйы сæрдар Нина Чиплаковæйы ныхæстæм гæсгæ, уый регионæн ахсджиаг хъуыддаг у. Нина Чиплаковæ: «Форум сарæзта Уæрæсейы æхсæнадон палатæ нæ республикæйы сæргълæууæг æмæ республикæйы æхсæнадон палатæйы хъæппæрисæй. Тынг ахсджиаг хъуыддаг у. Уымæн æмæ ам æрæмбырд уыдзысты федералон хицауады уæнгтæ, Цæгат Кавказы Хуссар зылды минæвæрттæ. Æмбырды сæйраг нысан - Цæгат Кавказы туризмы райрæзтыл бакусын». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хъæугæ цæстдард

Категория:

Новости и СМИ