Муриты Данæ æгас бæстæйы у иунæг чызг-дирижёр
Муриты Данæ Мæскуыйы Чайковскийы номыл паддзахадон консерваторимæ ахуыр кæнынмæ кæй бацыд, уый фæдыл ын арфæйы ныхæстæ ракодта Цæгат Ирыстоны культурæйы министр Къубалты Эльбрус. Фыстæджы куыд фæнысан кодта, афтæмæй йын йæ зæрдæ зæгъы йæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ куыд бафта, уый. Бафтаудзыстæм ма уый Муриты Данæ разамынд лæвæрдта нæ бæстæйы хуыздæр оркестортæн. Архайдта кадджын фестивальты. Хорзæхджынгонд уыд Мстислав Ростроповичы стипендийæ. Уымæй уæлдай ма æгас бæстæйы у иунæг чызг - дирижёр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Муриты Данæ æгас бæстæйы у иунæг чызг-дирижёр
Категория:
Новости и СМИ