Аэропорттæм, гæнæн ис, æмæ раздахдзысты тамако дымæн бынæттæ
Æмæ ма рекламæ цалынмæ нæ райдыдта, уæдмæ иу цыбыр хъусынгæнинаг. Паддзахадон Думæйы депутаттæ фыццаг бакасты сфидар кодтой аэропортты дымынæн сæрмагонд бынæттæ раздахыны хъæппæрис. Фæлæ тамакодымæн уатæй чи пайда кæна, уыдоны хъæудзæн сæ дзыппмæ нывналын. «Известия»-æн уый тыххæй фехъусын кодта Думæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны комитеты сæрдары фыццаг хæдивæг Федор Тумусов. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, æвзæр ахуырæй йæ мондаг суадзын кæй фæнда, уыдон фиддзысты 50-йæ 100 сомы онг. Сæрмагонд бынæттæ та хъæудзæн хицæн нормативон-барадон акттæм кæсгæйæ аразын. Чи нæ дымы, уыдоны хъуамæ фæздæг ма хъыгдара. Аэропорттæ сæхи хардзæй хъуамæ балхæной æмæ сæвæрой вентиляцион системæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2013-æм азы тамако дымыны ныхмæ тох кæныны закъон Уæрæсейы йæ тыхы кæй бацыд. Уымæ гæсгæ тамако пъæртт кæнæн нæй æхсæнадон бынæтты: скъолаты, рынчындæтты, дуканиты, уæлдæр ахуыргæнæндæтты æмæ стадионты цур. 2014 азы ма уыцы хыгъдмæ бахаудысты фысымуæттæ, кафетæ, ресторантæ, вокзалтæ, поездтæ æмæ аэропорттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Аэропорттæм, гæнæн ис, æмæ раздахдзысты тамако дымæн бынæттæ
Категория:
Новости и СМИ