Абон йæ 85 азы юбилей бæрæг кæны Советон Цæдисы адæмон артисткæ, балеринаæ æмæ ахуыргæнæг Адырхаты С
Абон йæ 85 азы юбилей бæрæг кæны Советон Цæдисы адæмон артисткæ, балеринаæ æмæ ахуыргæнæг Адырхаты С
Абон йæ гуырæн бон бæрæг кæны Советон Цæдисы адæмон артисткæ, балеринæ æмæ ахуыргæнæг Адырхаты Светланæ. Æххæст ыл кæны 85 азы. Йæ ном айхъуыст æгас дунейыл. Балеты аивдзинад æмæ рæсугъддзинад бауарзын кодта цалдæр фæлтæрæн. Светланæ райгуырд Хуымæллæджы. Кафын ахуыр кодта Ленинграды хореографион училищæйы. Куыста цалдæр театры. Йæ æгæрон курдиатæн аргъ кæнгæйæ йæм фæдзырдтой Стыр Театрмæ. 1960-æм азæй - 1988-ы онг Адырхаты Светланæ уыди Стыр Театры прима-балерина. Ныр та у балетмейстер æмæ зындгонд ахуыргæнæг. Кæй сахуыр кодта, уыцы æрыгон балеты кафджытæ, алыхуызон конкурсты æмæ фестивальты архайгæйæ, бацахсынц фыццаг бынæттæ. Сты иу иннæмæй хуыздæр. Адырхаты Светланæ хорзæхджынгонд у «Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты» дыккæгæм къæпхæны ордены майданæй, «Знак Почета», «Трудового Красного Знамени» æмæ «Ирыстоны намысы» ордентæй. 2001-æм азы Дзæуджыхъæуы балеты скъолайæн радтой Адырхаты Светланæйы ном.