Абон Ирыстоны бæрæг кæнынц Рекомы бæрæгбон
Нарты Батрадзы мæлæт – кувынæн бындур, Хуыцауы хъыг цæссыгæй – кувæндоны равзæрд. Цъæйы комы уæдæй фæстæмæ бæрæг ран у Реком - аудæг æмæ æххуысгæнæг дзуар. Нымадтой, зæгъгæ, бирæ хор æмæ фос кæй дæтты, низтæй сæ кæй хизы, цуаноны кæны фæндараст, адæмы хъахъхъæны фыдбылызхæссæг тыхтæ æмæ алыхуызон рынтæй. Зын зæгъæн у, Рекомы хъомыс цæуыл не `ххæссы, уый. Тыхджын дзуармæ кувæн бонты та адæм ногæй цæудзысты сæхи фæдзæхсынмæ. Рекомы рухс бæрæгбоны Ирыстоны адæм уæлдай цин кæнынц. Кæрæдзийы фенын, кæрæдзийæ лымæнтæ æмæ хæлæрттæ зæгъын, хорз зæрдæ дарыны нысан ис йæ бонтæн. Дзаг фынгтæ – фысымты æмæ æфсинты бæркады нысан. Цы дзы не `мбæлы, уый дзы нæ уыд. Æгъдаумæ гæсгæ, Рекомы бæрæгбонмæ фынгтæ уæлдай сыгъдæгæй цæттæ кæнын фæхъæуы. Канд буарæй нæ дзырдæуы. Сыгъдæг хъуамæ уой дæ хъуыдытæ æмæ дæ уд. Бирæтæ-иу уый тыххæй бæрæгбоны номыл рагацау дардтой ком. Рекомы бæрæгбон вæййы Хурхæтæны мæйы æмæ ахæссы иу абонæй иннæ абонмæ. Кувæн къуыри дæр æй хуымæтæджы нæ хонынц. Нывондæн æрхæссынц галтæ кæнæ лыстæгдæр фос, скæнынц куывдтæ. Дзуармæ ссæуыны бар ис æрмæст нæлгоймæгтæн. Рекомы фыдæхæй тæрсгæйæ, суанг уыдон дæр вæййынц бæгъæввад. Уый дзурæг у зæрдæйы æмæ миддунейы сыгъдæгдзинадыл. Æхсызгон у, æмæ бæрæгбонмæ уæлдай тынгдæр азæй-азмæ се `ргом æрыгон фæлтæр кæй здахынц. Зонынц æмæ æмбарынц, канд фынгтыл æрбадыны къуыри кæй нæу. Бацайдагъ сын вæййынц алы ерыстæ кафынæй, зарынæй, фатæй æхсынæй, рагон ирон хъæзтытæй. Афтæмæй æрыгон фæлтæр æмхиц кæны фыдæлтыккон цардыуагмæ, йæхи фæдзæхсы дзуары тыхыл. Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæм æргомæй чи кувы, уыцы адæймагæн та уый у йæ царды хуыздæр хорзæхтæй иу.