Ирыстоны цæрджытæ бæрæг кæнынц Уациллайы бонтæ
Ирыстоны цæрджытæ бæрæг кæнынц Уациллайы бонтæ
Ирыстоны бæрæг кæнынц Уациллайы бæрæгбон. Фыдбылыз сафæг, амонд æмæ бæркаддæттæг. Уацилла ирон зæдтӕ æмæ бардуæгты `хсæн сæрмагонд бынат ахсы. Сæхи йыл фæдзæхстой ирон адæмы фыдæлтæ - Алантæ. Цæгат Кавказы хæхты дæлвæзты куы цардысты, уæд райдыдтой зæххы куыст æмæ табу кодтой Уациллайæн. У стыр бархъомысджын, хорарæх æмæ фосарæхы бардуаг. Цæмæй уыгæрдæнты æмæ сæрвæтты хорз, сойджын кæрдæг æрзайа, уый тыххæй дæр адæм Уацилламæ кувынц. Хус рæстæг куы скæны, кæнæ бирæ куы фæуары, уæд дæр ирон адæм лæгъстæ кæнынц. Бæрæгбон ахæсдзæн къуыри.