Нартыхъæуы равзæрстой бынæттон администрацийы сæргълæууæджы
Нартыхъæуы равзæрстой бынæттон администрацийы сæргълæууæджы. Хъæуы сарæзтой рагагъоммæ æвзæрстытæ. Хъæуы разамонджы бынатмæ уыд æртæ кандитаты. Парти «Иугонд Уæрæсе» -йæ кандидат уыд Гуытъиаты Руслан, «Справедливая Россия» -йæ - Густы Ибрагим æмæ «Уæрæсейы Федерацийы Коммунистон парти» -йæ -Хъæцмæзты Алан. Сæ граждайнаг хæс сæххæст кодтой 500 адæймагæй фылдæр. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æппæты фылдæр хъæлæстæ райста Густы Ибрагим. Схъæлæс ыл кодтой 300 адæймагæй фылдæр. Моргуаты Жаннæ, Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамисы сæрдар: «Нартыхъæуы ацыд бынæттон администрцийы сæргълæууæджы рагагъоммæйы æвзæрстытæ. Архайдтой дзы 900 адæймагæй фылдæр. Куыд федтам, афтæмæй æвзæрстытæ ацыдысты æнæ къуылымпытимæ, дзуапп дæттынц æппæт æмбæлгæ домæнтæн дæр». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Нартыхъæуы равзæрстой бынæттон администрацийы сæргълæууæджы
Категория:
Новости и СМИ