Ног радио æмæ телеуынынадон сигнал дæттæн мæсыг
Ног радио æмæ телеуынынадон сигнал дæттæн мæсыджы бынаты фыццаг бындурæвæрæг дур æвæрд æрцыд. Сараздзысты йæ Дзæуджыхъæуы 2020-æм азмæ. Мадзалы архайдтой нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Уæрæсейы радио æмæ телеуынынады хызы генералон директор Андрей Романченко. Пъланмæ гæсгæ мæсыг аразын райдайдзысты ацы сæрды. Йæ бæрзæнд уыдзæн 210 метры. Хардзгонд ыл æрцæудзæн 500 милуан сомы. Зæронд кусæнгарзы эксплуатацийы рæстæг 7 азы размæ фæцис. Цæуы йыл 60 азы. Уый хæлд æрцæудзæн. Ног телеуынынады мæсыгæн та æрмæст дарддæр дæрддзæгтæм нæ ахсдзæн, фæлæ ма йæ цифрон сигнал дæр хуыздæр уыдзæн. Вазыгджын у, проекты æдтейы бакаст рæсугъд куыд уа, уый дæр. андрей Романченкойы ныхæстæм гæсгæ, мæсыг суыдзæн горæты архитектурæйы фидауц. Уыдзæн рухс æрттивгæ æлектрон рухстæй аивгонд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног радио æмæ телеуынынадон сигнал дæттæн мæсыг
Категория:
Новости и СМИ