Тæрхон сбæрæг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

Æлбегаты Зелимæн стæрхон кодтой æртæ азы æмæ æхсæз мæйы иумæйаг фæткимæ колонийы фæбадын. Байсдзысты ма йын йе `фсæддон цин, нæ йын уыдзæн паддзахадон оргæнты кусыны бар дæр. Сланты Арсенæн та рахастой афæдз æмæ æхсæз ахст адæмы цæрæн колонийы арвитынæн. Ахæм хабæрттæ райхъуыст абон сихорæй Дзæуджыхъæуы æфсæддон тæрхондонæй. Интернеты уайтагъд апарахат сты хи ист кадртæ, дыууæ лæппуйы хæстæджытæ æмæ зонгæтæ тæрхондоны залы змæнтын куыд райдыдтой, уый фæдыл. Бынатмæ æрбахæццæ сты ОМОН æмæ пъæлицæйы кусджытæ. Бæрæг куыд уыдис, афтæмæй Сланты æмæ Æлбегаты лæппуты хиуæттæ тæрхоны цыдимæ разы æппындæр нæ уыдысты. Абон сæ масты дзæкъул дæр уымæн атыдта. Тæрхонгæнæджы ныхæстæм гæсгæ, ирон сержанттæ уыдысты нозтджын æмæ уый тыххæй фæхыл сты офицертæ Зайнутдинов æмæ ПАтыкимæ. Хыл дæр, дам, Æлбегаты Зелим ракъахта. Уый фæстæ та, дам, Сланты Арсен Зайнутдиновы зæххмæ æрфæлдæхта æмæ йын йæ хурхыл хæцын райдыдта. Зелим та ма йын, азымы дарджыты хъуыдымæ гæсгæ, йæ сæр дæр цалдæр хатты ныццавта. Æлбегаты Зелим æмæ Сланты Арсен сæ азымыл уæддæр нæ басастысты. Сæ тæрхон дæр растыл нæ нымайынц. Дæс боны дæргъы сын фадат ис абоны уынаффæйыл уæлдæр тæрхондонмæ бахъаст кæнынæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Тæрхон сбæрæг

Категория:

Новости и СМИ