Уæрæсейы скъолаты фæзындзæн ног предмет - хахнывкæнынад
Уæрæсейы скъолаты фæзындзæн ног предмет - хахнывкæнынад
Уæрæсейы скъолаты фæзындзæн ног предмет - хахнывкæнынад. Фыццаг уроктæ райдайдзысты ног ахуыры азы. Сæрмагонд бырдзырд бафыста Уæрæсейы президент. Фенæн æй ис Кремлы сайты. Сæххæст кæныны æмгъуыд дзы фыст у 1-æм август. Хахнывкæнынад цæудзысты 5-æм къласæй 9-æм къласмæ. Техникон здæхт кæмæн ис, уыцы ахуырдзаутæ та - 10-11-æм кълæсты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы предмет скъолаты программæйæ айстой 2019-æм азы. Фæстæмæ йæ раздахыны хъæппæрис рахастой Паддзахадон Думæйы рухсатуынады комитеты. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, уый руаджы промышленносты специалисттæ уыдзæн фылдæр.