Парламенты советы æмбырд
Федералон бюджеты æфтиæгтæ иннæ аз æмæ 2025-2026-æм азты суыдзысты 35 трлн сомы бæрц. Хæрдзтæ - 36 трлн 660 млрд сомы. Мызды æппынкъаддæры бæрц фæфылдæр уыдзæн 19 242 сомы онг. «Федералон бюджеты» закъоны проектмæ æркастысты æмæ йæ фарс рахæцыдысты депутаттæ Парламенты советы æмбырды рæстæг. Амыдта йæ фыццаг вице-спикер Тхостаты Мурат. Ныхас цыд ахуырадыл дæр. Парламенты уæнгтæ хорзыл банымадтой, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн Мæскуыйы колледжтæ æмæ техникумты бюджетон бынæттæ цы федералон закъоны проекты фæлгæты дæтдзысты, уый.