Сæ нæмтта æнусон
Журналист Алина Акоефф агуры, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æбæрæгæй чи фесæфт, уыцы цæгатирыстойнаг салдæтты. Æртæ мæйы бындуронæй куыста Æрыдоны районы. Ацы ран хæсты заманы цыдысты карз тохтæ. Журналистæн бантыст, хъæбатырæй йæ райгуырæн бæстæ чи хъахъхъæдта, уыцы 500 салдаты нæмттæ сбæрæг кæнын. Алина Акоеффы ныхæстæм гæсгæ, сты алы адæмыхæттыты минæвæрттæ.Сæ кадæн Æрыдонмæ бацæуæны Уæлахизы бæрæгбонмæ фæзындзæн намысы мемориал. 9-æм маймæ æбæрæг салдæтты нæмттæ сæнусон уыдзысты цыртдзæвæныл. Уыцы хъуыддагæн стыр æххуыс кæны Æрыдоны районы хицау Тотраты Владислав. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ивгъуыд азы Хъæдгæроны байгом кодтой цыртдзæвæн 400 салдаты номимæ. Хъæппæрисы фарс рахæцыд Алина Акоефф. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сæ нæмтта æнусон
Категория:
Новости и СМИ