Амалхъом адæмы бæрæгбоны агъоммæ
26 майы Уæрæсейы бæрæг кæнынц амалхъомдзинады бон. Уый фæдыл абон Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд тымбыл стъол «Бизнес æмæ барад». Экономикæ, барад æмæ амалхъомдзинады куыстуæтты хицæуттæ æрдзырдтой æмгуыстады фарстатыл. Мадзалы архайджытæ фæнысан кодтой, экономикæимæ баст фарстатыл кусгæйæ æнæмæнг амалхъом æхсæнадты хъуыды нымайын кæй хъæуы. Тымбыл стъолы фæлгæты æрыгон амалхъом адæмæн фæзынд амал сæ фæрстытæн дзуæппытæ райсын. Æрдзырдтой ма социалон рæзтимæ баст проекттæ баххæст кæныны куыстыл. Ацы боны фæлгæты ма арæзт æрцæудзысты æндæр мадзæлттæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Амалхъом адæмы бæрæгбоны агъоммæ
Категория:
Новости и СМИ