Дзæуджыхъæуы ацыд фæллой æмæ хъахъхъæнынадмæ цæттæдзинады æппæтуæрæсеон фестиваль

2 тыс. подписчиков

12+
12+

26 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

26 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

26 просмотров

3 года назад

Турникыл фæлтæрæнтæ сæххæст кæнын, 2 км азгъорын æмæ ма бирæ æндæр хæслæвæрдтæ. Цæгат Ирыстоны ацыд Фæллой æмæ хъахъхъæнынадмæ цæттæдзинады æппæтуæрæсеон фестиваль. Архайдтой дзы 60 адæймаджы æппæт районтæй. Æрвылбон кусгæйæ физкультурæйы хи фæлварын æнцон хъуыддаг нæу. Хъуылаты Мæдинæ скъоладзауæй хи фæлвæрдта фехтованийы. Арæх-иу сси республикон ерысты уæлахиздзау. Студент уæвгæйæ та бауарзта волейбол. Университет каст куы фæци, уæд спортæн къаддæр рæстæг фæзынд. Æрмæст къуыри цалдæр хатты вæййы спортивон залы. Фæллой æмæ хъахъхъæнынадмæ цæттæдзинады æппæтуæрæсеон фестивалы фæллойадон къордты 'хсæн Мадинæ архайдта йе 'мкусджытимæ Æрыдоны районы администрацийæ. Ивгъуыд аз райстой дыккаг бынат. Уæдæ Алагиры минæвар Къадзты Зитæ та йæхи фæлвары армрестлингы. Ацы аз республикон ерысты бацахста фыццаг бынæттæ. Ацы хатт та йæ бафæндыд йе`мкусджытимæ иумæ иу командæйы бацархайын. Йæхæдæг куыд зæгъы,афтæмæй сын ахӕм спортивон мадзæлттæ рæсугъд æнкъарæнтæ балæвар кæнынц, уыимæ сын раттынц ныфс размæ тырнынæн. Мадзалы архайдтой, 25 азæй 59 азы онг кæуыл цæуы, ахæм архайджытæ æппæт районтæй дæр. Ерыс кодтой 60 адæймагмæ æввахс . Уæвгæ, ацы мадзæлтты нысан дæр у ахсджиаг - алы фæлтæрты минæвæртты æргом раздахын æнæниз царды уагмæ . Ерысты æмбæлгӕ уагыл ацыдмӕ кастысты фæлтæрдджын тæрхонгæнджытæ. Хуыздæр бæрæггæнæнтæ цы къордтæн бантыст райсын, уыдоны схорзæхджын кодтой кубоктæ, майдантæ æмæ Кады гæххæттытæй.

, чтобы оставлять комментарии