Црау æмæ Рамоновойы сарæзтой æмæ бындуронæй сцалцæг кодтой фелсырон акушерон пункттæ
Алагиры районы дарддæр цæуынц медицинон уагдæтты цалцæггæнӕн куыстытæ, стæй ног ифтонггæрзтæй æххæст кæныны хъуыддаг. Афтæмæй, Рамоновойы хъæуы кæронмæ æххæст кæнынц ног фелсырон-акушерон пункт. Куыстытæ афойнадыл сæххæст кæнын нæ бантыст Црауы. Уымæй уæлдай ма цалцæджы размæ медицинон уагдоны уыд афтек. Ныр хъæугæ хостæм цæрджыты цæуын хъæуы Алагирмæ. Рамоново хъæуы ныртӕккӕ цæры 700 адæймаджы бæрц. Уыдонæн сæ фылдæр — ацæргæ адӕм. Бынæттон амбулатори нырмӕ дӕр ис цæрæн хæдзары фӕрсаг агъуысты. Медицинон кусджытæ архайынц къуындæг æмæ зынвадат уавæрты. Агъуыстытæй цы кабинеттæ сарӕзтой, уым цалдæр пациентæн уыцы иу рæстæг баххуыс кæнæн нæй. Ног фелсырон-акушерон пункт аразын райдыдтой ацы аз уалдзæджы. Куыстыты фылдæр хай æххæстгонд æрцыд. Кабинеттæ ма хъæуы хъæугæ мигæнæнтæй сифтонг кæнын. Уыимæ ма, зынгсирвæзты ныхмӕ æмæ техникон экспертизæ ацæуын. Црауы амбулаторийыл та цæуы 30 азæй фылдæр. Уалдзæджы йæ райдыдтой бындурон цалцæг кæнын. Фæлæ, афойнадыл куыстытæ сæххæст кæнын нæ бантыст. Дохтыртæ цæрджытæн лаггад кæнынц бынæттон администрацийы кабинеттæй иуы. Афтæмæй та боны дӕргъы медицинон æххуыс цал адæймаджы бахъæуы, уыдоны нымæц 40-æй уӕлӕмӕ ахизы. Цалцæджы фæстæ ам байгом кæндзысты физиотерапевтон, процедурон, педиатрион, акушерон и педиатрион кабинеттæ. Дохтытртæ куыд зæгъынц, афтæмæй зӕрдиагӕй æнхъæлмæ кæсынц, ног бынатмæ сӕ кæд раивдзысты, уымæ. Фæлæ амбулаторийы æнæххæст цалцæгæй уæлдай ма Црауы ис райхалинаг фарстатæ. Хъæуы нæй афтек дæр. Хостæ æлхæнынмæ цæрджыты хъæуы Алагирмӕ цæуын. Ацæргæ адæмæн та ахæм фадат нæй. Районты амбулаториты цалцæг æххæстгонд цæуы федералон проекты фæлгæты. Цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц, тагъд рæстæджы медицинон æххуыс кæй исдзысты аккаг уавæрты, уымӕ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv