Электрон фæллойадон чингуыты фæткæвæрды тыххæй уæрæсейы хицауады сæрдар Михаил Мишустин бафыста сæрм
Электрон фæллойадон чингуыты фæткæвæрды тыххæй Уæрæсейы хицауады сæрдар Михаил Мишустин бафыста сæрмагонд уынаффæ. Ныры онг кусæг адæймаджы тыххæй гæххæттыл фыстæй цы бæрæггæнæнтæ æмбырдгонд цыдысты, уыдон ардыгæй фæстæмæ хыгъд цæудзысты электрон хуызы. Уыимæ ма алы адæймагæн дæр йæ бон уыдзæн электрон чиныджы хуыз Уæрæсейы Пенсион фонды офицалон сайты фенæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2020-æм азы 31 декабры онг алы адæймаг дæр хъуамæ сбæлвырд кæна, нырæй фæстæмæ фæллойадон чиныджы кæцы хуызæй пайда кæндзæн, уый. Уый тыххæй куыстдæттæг организацимæ хъæудзæн сæрмагонд курдиат бадæттын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Электрон фæллойадон чингуыты фæткæвæрды тыххæй уæрæсейы хицауады сæрдар Михаил Мишустин бафыста сæрм
Категория:
Новости и СМИ