Дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн республикæйы æвзарæн къамисы кусджытæ сарæзтой семинар
Президенты æвзæрстыты тыххæй бæлывырддæр æмæ бæстондæр дзурын. Ацы фарстайыл ныхас цыд æвзарæн къамисы æмæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæртты фембæлды. Фæнысан кодтой, уацхæсджытæ æмæ редакторты куыст фенцондæр кæнынæн закъонмæ цы ногдзинæдтæ бахастой, уыдон. Ахуырадон мадзæлттæн ис сæрмагонд фæтк. Ахæм æмгуыстады руаджы цæрджытæ базондзысты, хъæлæс кæныны бонты тыххæй сæ цыдæриддæр зонын хъæуы, уый. Семинары фæстæ специалисттæ схорзæхджын кодтой, Цæгат Ирыстоны æвзарæн системæйы райрæзтмæ æвæрæн чи бахаста, уыцы дзыллон информацийы фæрæзты минæвæртты. Се 'хсæн нæ телекомпани "Осетия-Ирыстон" дæр.