Мыхайловскæйы хъæуы æрцыд зынгсирвæзт
Сахат размæ Мыхайловскæйы хъæуы æрцыд зынгсирвæзт. Ссыгъдысты хæдтулгæты цæлхыты цъæрттæ бакусыны цехы дуармæ цы æрмæджытæ ис, уыдон. Бынатмæ фæтагъд кодтой æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ. Сæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, арты уацары бахауд фæзуаты 100 квадратон метры. Арт хуыссын кодтой 15 ирвæзынгæнæнджы æмæ 4 техникон иуæджы. Бафтаудзыстæм ма уый æмæ дзы хъагдард ничи баййæфта. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мыхайловскæйы хъæуы æрцыд зынгсирвæзт
Категория:
Новости и СМИ