Дунейы радиойы кусджытæ бæрæг кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон
Абон сæ професионалон бæрæгбон бæрæг кæнынц радиойы кусджытæ. 1946 азы 13 февралы фыццаг хатт эфиры рацыд «Радио иугонд нациты организаци». Радиойы æппæтдунеон бæрæгбон нымад у æрыгоныл. Фыццаг хатт æй сбæрæг кодтой 2011 азы. Цæгат Ирыстоны ис 20 радиостанцæйæ фылдæр. Уыдонæй 4 сты Уæрæсейы зындгонд: «Европа Плюс», «Ретро ФМ», «Русское Радио» æмæ «Авторадио». Фыццаг хатт республикæйы кусын райдыдта радио Европа плюс. Уæрæсейы радиоты `хсæн у фыццаг. Уæдæй абонмæ нымад у хуыздæрыл. Радиостанцæйы кусджыты ныхæстæм гæсгæ кæд ныр интернеты дуг, у уæддæр радиомæ хъусджыты нымæц къаддæр нæ кæныц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дунейы радиойы кусджытæ бæрæг кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон
Категория:
Новости и СМИ