Милдзыхты Вячеслав бабæрæг кодта, боныхъæды аххосæй хъыгдæрд цы районтæ баййæфтой, уыдон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

87 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Милдзыхты Вячеслав бабæрæг кодта, боныхъæды аххосæй хъыгдæрд цы районтæ баййæфтой, уыдон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

87 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

87 просмотров

3 года назад

Абон сæумæрайсом Милдзыхты Вячеслав бабæрæг кодта посёлок Южный. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг аныхас кодта бынæттон цæрджытимæ æмæ коммуналон службæты раз бæлвырд хæстæ сæвæрдта. Ныртæккæ сæйрагдæр у - æрдздых цы зиан æрхаста, уый банымайын. Æмæ, бæргæ, хъуыддаг ууыл куы ахицӕн уыдаид. Сабыр цæугæдон Балка раивылд æмæ цæуыл æмбæлд, уыдон иууылдæр фæласта: хæдтулгæтæ, хæдзӕртты къултæ, æмбондтæ, стыр дуртæ æмæ бæлæстæ. Посёлок Южныйы цæрджытæ сæ хæдзæртты алыварс æфснайынмæ сæумæрайсом рацыдысты. Длинодолинская æмæ Курганная уынгтæ. Адæймаджы уырнгæ дæр нæ кæны, знон дæр ма ам асфальт фæндаг кæй уыд, уый. Цыбыр рæстæгмæ тыхджын дымгæ, их æмæ цъыфы лӕсӕнтӕ зиан æрхастой дæсгай хæдтулгæтæн, цæхæрадæттæ гæныстон фесты. Дзанайтæн дон бакалд сæ пъадвалмæ, хæдзары сæрæн та дымгæ йæ иу хай систа. Æппæт фыдбылызтæ дæр æрцыдысты цæстыфæныкъуылдмæ, загъта Лилия. Рацарæзты куыстытæ райдыдтой æвæстиатæй. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хъыгдæрд баййæфтой 400 хæдзары. Уынгтæн сæ фылдæрыл хæдтулгæтæн ацæуæн дæр нæй. Электрон тыхæй ахицæн кодтой Карца æмæ дыргъдæтты æмхæларад «Наука», стæй хицæн уынгтæ Дзæуджыхъæуы, фæлæ къуылымпыдзинæдтæ иуварсгонд æрцыдысты цыбыр рæстæгмæ. Ныридæгæн къæвдайы дон æмбырдгæнæн хæтæлтæ æмæ горæты уынгтæ фæлдæхт бæлæстæ, къалиутæ æмæ быронæй сыгъдæггонд æрцыдысты. Æрмæст Шмулевич æмæ Магкæты Зурабы номыл уынгтыл ис техникæйы 9 иуæджы æмæ 40 адæймаджы. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй 21:00 сахаты онг фæндаг æхсæнадон транспортæн хъуамæ байгом уа. Æрдзон бæллæхæй тæссаг уыд «Карца»-йы станцæйæн дæр. Гыццыл ма бахъæуа - æнæ рухсæй баззадаид Кировы район. «ЦæгатКавказЭнерго»-йы кусджыты 50 къорды æнæрлæугæйæ куыстой æнæхъæн æхсæв. Райсомы 9:00 сахаты онг аивуварс кодтой 20 телы скъуыды. Электрон тыхимæ баст къуылымпыдзинæдтæ аиуварс кæныныл Дзæуджыхъæуы архайынц ныртæккæ дæр. Æнæнхъæлæджы уавæрты къамисы оперативон штабы æмбырды нысангонд æрцыд кусæг къордтæ, уыдон ныртæккæ хъагдард баййафæг районты зилынц хæдзæрттыл. Æрдздых цы зиан æрхаста, уый банымайыныл кусдзысты префектурæтæ æмæ администрациты уæнгтæ. Хи хæдзæрттæй уæлдай, дон бакалд горæты бирæфатерон хæдзæрттæй 30-æй фылдæры пъадвæлттæм дæр. Милдзыхты Вячеслав бабар кодта, цæмæй сæ ссыгъдæг кæнынмæ уа бæстон цæстдард. Уый тыххæй нысангонд æрцыд сæрмагонд техникæ.

, чтобы оставлять комментарии