Цыкъолайы аивæдты скъолайы ахуыр кæны 150 сывæллоны

Дæгуты Илонæйы музыкæ йæхимæ алкæддæр æлвæста. Йæ ныййарджытимæ бауынаффæ кодтой: ахуыр кæндзæн Цыколайы аивæдты скъолайы. Уроктæм ссæуы Лескæнæй. Илонæйы фыццаг скрипкæйыл цæгъдын фæндыд. Уый йæ къухы нæ бафтыд, фæлæ æвзонг пианисткæ фæсмон ницæуыл кæны. Æрæджы Илонæ æнтыстджынæй архайдта æрыгон музыкантты конкурс "Наши надежды"-йы. Ацыд регионты 'хсæн. Чызг сси "Уæлахизмæ тырнындзинад"-ы дипломы аккаг. Конкурсмæ цæттæ кодта дыууæ мæйы. Йæ фармæ уыдысты йæ ахуыргæнджытæ. Ноджы ма иу лауреат Зæнджиаты Артемий. Сывæллæтты æппæтуæрæсеон фестиваль-конкурс "Праздник джаза"-йы сси дыккаг къæпхæны дипломы хицау. Æркастмæ йæхи бæстонæй цæттæ кодта. Педагогимæ архайдта дыууæ мæйы, урокты фæстæ йæхиуыл хæдзары дæр куыста. Аивæдты скъолайы ис æртæ хайады - фортепианойы, адæмон æмæ нывкæнынады. Сæйраг дисциплинæтæй уæлдай ма ахуырдзаутæ цæуынц уæлæмхасæн ахуыртæм: хормæ, национ инструментты æмæ зарæггæнджыты. Алы сывæллоны зæрдæмæ фæндаг ссарын, сразæнгард сæ кæнын, сæйрагдæр та сæ уарзын. Аивæдты скъолайы кусы 20 педагогы. Се 'хсæн дæрддзæф хъæуты сывæллæтты чи ахуыр кæны, ахæмтæ дæр. Бирæтæн аивæдты скъола у иунæг бынат сæ бæллицтæ сæххæст кæнæн кæм ис. Хъыгагæн бирæ ахуырдзаутæм сæ хæдзæртты музыкалон инструменттæ нæй. Ныртæккæ скъола кусы Культурæйы галуаны бындурыл. Районы администраци сæм сæ бынат раивынмæ фæкаст, уыимæ ма сын самал кодта инструменттæ æмæ мебель. Æмткæй райсгæйæ Цыколайы аивæдты скъолайы ахуыр кæны 150 сывæллоны.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
25 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии