Сывæллæтты æдасдзинадæн
Республикæйы парламенты та ныхас кодтой сывæллæтты æдасдзинадыл информацион тыгъдады. Æмбырды архайдтой парламенты комитеты уæнгтæ, прокуратурæйы минæвæрттæ, бæрнон кусæндæтты, ахуырады министрад æмæ фæсивæдон парламентæй æрбацæуджытæ. Бацæттæ кодтой докладтæ. Интернет кæд нæ царды стыр бынат ахсы æмæ нын нæ къух арæх ацаразы, уæддæр, хъыгагæн, зиан дæр афтæ хæссы. Уæлдайдæр та - сывæллæттæн, хорз æмæ æвзæр раиртасын сæ бон кæй нæу, уымæ гæсгæ. Бæрнон кусæндæттæ æмæ министрады минæвæрттæ архайынц скъолатæ, стæй ахуыргæнæндæтты сывæллæттимæ æмæ сæ ныййарджытимæ уыцы фарстатыл арæхдæр ныхас кæныныл. Уымæ гæсгæ, фæнд кæнынц иумæйаг программæ саразын, интернеты цы æвзæр фæзындтæ ис, уыдонæй сывæллæтты бахизынæн. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ сывæллæтты информацион æдаздзинад Уæрæсейы паддзахадон политикæйы сæйрагдæр фарстатæй иу кæй у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сывæллæтты æдасдзинадæн
Категория:
Новости и СМИ