Тæрхон-медицинон экспертизæйы бюройы материалон-техникон бындур сног кæндзысты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

Тæрхоны медицинон экспертизæйы кусджыты куыстæн аргъ скæнын тынг зын у. Йæ хатдзæгтæм гæсгæ сбæлвырд вæййы канд хъуыддаг цæуыл ахицæн уыдзæн, уый нæ, фæлæ ма аххосджыны хъысмæт дæр. Вазыгджын сты бæрнады техникон-материалон бындур дæр, куысты æнцон фадæттæ дӕр. Ныридæгæн уал уыдон сты зæрдæхсаинаг. Республикæйы тæхоны-медицинон экспертизæйы бюро. Цы куыст кæнынц, уый алчидæр зоны. Йæ фæлгæты уголовон, граждайнаг хъуыддæгты, мæм административон уагхæлдтыты фæдыл аразынц алыхуызон экспертизтæ, иртæстытæ. Зианджынтимæ бакусын, уый у специалистты икуысты иу хай. Саразынц ма мæрдтæн экспертизæтæ, сæ сбæрæг кæныны экспертизæйæн цы бæрæггæнæнтæ хъæуы, уыдонимæ æмæ биологон æрмæджытимæ кусынц. Фæлæ цавæр уаæрты,уый бирæтæ нæ зонынц. Равдыстой нын цы кусæнгæрзтыл кусынц. Техникæйыл ныр 40 азæй фылдæр цæуы. Экспертты бахъæуы советон дуджы методкæтæй пайда кæнын. Ай та у молекулярон-генетикон иртæстытæн кусæнгарз. Уый фæрцы хæстæгдзинад сбæлвырд кæнынц, кæй туг ис объекты уый,ома азымджыны, æви зианджыны. Уыцы гæрзтыл та 20 азæ фылдæр цæуы. Ацы уат та у, адæймаджы сбæрæг кæныны экспертизæйæн цы бæрæггæнæнтæ хъæуы, уыдон кæм вæййынц, уыцы тæрхон-биологон хайад. Цавæрфæнды хъуыддаджы фæдыл азыгджын æрмæджытимæ ацы ран кусынц дыууæйæ дыууæйыл, æнæ рухс æмæ æнæ вентиляцийæ. Ацы уаты эксперт æмæ лаборант кусынц сæрмагондæй адæймаджы сбæрæг кæныны экспертизæйæн цы бæрæггæнæнтæ хъæуы, уыдон. Уæдæ адæймаджы стæгдаримæ бакусынæн та спайда кæнынц советон электроточильный станокæй. Æвдисæнтæм бынтон бæлвырд æмæ бинонгæй æркастæн сæ бахъæуы бюройы кæртмæ рахизын. Куыд нын загътой, афтæмæй, ахæм æмвæзадыл иртæстытæн уат 21 æнусы хъуамæ уа, ахæм. Кæд республикон тæрхоны-медицинон экспертизæйы куысты уавæртæм кæсгæйæ бирæ фарстатæ сæвзæры, уæд районы цы хайæдтæ ис, уыдоны куысты уавæртæ та сты бынтон зæрдæхсаинаг. Дзырдæн зæгъæм, Беслæны хайад. Ам æрвылбон дæр дысвæлдæхтæй кусынц 6 эксперты. Сæрды райдиан бюро бабæрæг кодта Сергей Меняйло. Уæд йæ фæдзæхстыты хыгъды уыд тæрхоны-медицинон кафедрæ сног кæнын куыстуаты бындурыл. Уый бирæ азты дæргъы уыд бюройы фæзуатыл. Фарон æй Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы минæвæрттæ, æрæхгæдтой санитарон домæнтæ дзы кæй не 'ххæст кодтой, уый тыххæй. Ацы аз сентябры та кафедрæ ногæй йæ куыст райдыдта. Студентæ йæм тынг æнхъæлмæ кастысты. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло бахæс кодта бюройы материалон-техникон базæ сног кæнынæн æхцайы фæрæзтæ рахай кæнын. Æппæты фыццаг балхæдтой иуыл ахсджиагдæр гæрзтæ - цауӕрцыды бынатмӕ рацæуынæн сæрмагонд хызын æмæ хромотограф. Ноябры хъуамæ йæ куыст райдайа. Уый фæдыл бюройы специалисттæ хъуамæ ацæуой сæрмагонд ахуыртæ, цæмæй ацы аппаратыл кусын зоной. Районты хайæдты дæр ивддзинæдтæ æрцæудзæн. Ацы аз æй бындуронæй сцалцæг кæндзысты Æрыдоны, Мæздæджы æмæ Беслæны та зæронд куыстуæтты бæсты, фæзындзӕн ногтæ. Уымæй уæлдай-ма, бахæс кодта, службæйы куысты рæзтыл цы хуызы ис бакусӕн, ууыл ахъуыды кæнын. Фидæны ам хъуамæ фæзына молекулярон-генетикон лаборатори дæр. Уыдзæн дзы алцæмæйдæр æххæст 6 хайады. Цæгат Кавказы федералон зылды йын æмбал нæ уыдзæн, ахæм. Нырма уал цæуы проектыл æмæ хæрдзтыл куыст. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv