Ирон æвзаджы курсыты фыццаг рауагъдонтæ райстой æвдисæндартæ
Стыр Ныхасы залы арæзт æрцыд зынгæ цау. Ирон æвзаджы курсыты фыццаг рауагъдонтæ райстой, курсытæ каст кæй фесты, ахæм æвдисæндартæ. Стыр Ныхасы уæнгтæ кусынц æрмæст ирон традицитæ бахъахъхъæныныл нæ, фæлæ ма ирон æвзаджы рæзтыл дæр. Ахæм хæс сæ размæ сæвæрдтой Ныхасы архайджытæ æмæ сæ хъæппæрисæй арæзт æрцыдысты Ирон æвзаджы курсытæ. Сæ фыццаг рауагъдонтæ райстой, курсытæ каст кæй фесты, ахæм æвдисæндартæ. Ахуыртæ сты лæвар, фæцæуынц 9 мæйы, къуыри 2 хатты. Куыст цæуы 2 къорды. Бæлвырддæр ацы хъуыддагыл æрныхас кæныны фæдыл нæ студимæ æрбахуыдтам, ирон æвзаджы курсыты ахуыргæнæг Саламаты Лидияйы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ирон æвзаджы курсыты фыццаг рауагъдонтæ райстой æвдисæндартæ
Категория:
Новости и СМИ