Тагъд медицинон æххуысы станцæйы архайд æнтæф бонты тыххæй нæ аивта
Тагъд медицинон æххуысы станцæ кусы æрвылбоны фæткмæ гæсгæ. Уый тыххæй фехъусын кодта сæйраг дохтыр Туаты Таймураз. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ дохтыртæ фаг кæны, цæрджытæ медицинон лæггæдтæ исынц афойнадыл. Æнахуыр тæвд бонты тыххæй куы дзурæм, уæд та дохтырты æххуыс адæм агуырдтой фыццаг бонты хур сæ кæй ныццавта, уый тыххæй. Ныртæккæ та арæх æххуыс бахъæуы æппын æдзух цавæрдæр низтæ кæмæ ис, уыцы адæм, ОРВИ, стæй тъæнгты инфекцитимæ.