Электрон тыхы телтæ сыгъдæг кæнынц бæлæстæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны бæлæстæ æмæ къудзитæй сыгъдæг кæнынц электрон тыхдæттæн телты фæндæгтæ. 5 мæймæ уал уыцы куыстытæ бакодтой 17 гектары фæзуатыл. Тынгдæр уыцы хæстæ сæххæст кæнын хъæуы, ахсджиаг социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объекттæм цæуæг телвæдтыл. Кусджытæ лыг кæнынц, телтæ цы къалиутæ хъыгдарынц, уыдон. Уый фадат дæтты электрон хызæджы куыст банывыл æмæ æнъкъуылымпытæй адæмæн лæггад кæнынæн. Бæлæсты къалиутæ цæгъдынц, куыд æмбæлы, ахæм домæнтæм гæсгæ. Уый ма ахъаз у æнæхъæлæджы электрон тыхæй ныццæвынæй бахизыны хæсæн. Къæвдаты рæстæг хуылыдз бæлæстæ æнцой кæнынц гом телтыл. Афтæмæй зайæгоймæ исчи бавнæлдта, зæгъгæ, уæд фыдбылыз æрцæуынæн бирæ нæ хъæуы. Уæдæ бахъуаджы сахат энергетиктæн сæхи дæр хъыгдарынц, æвæстиат цауты рæстæг сæ телты скъуыдтæ бандадзын куы фæхъæуы, уæд. Куыстытæ кæмæн бахæс кодтой, уыдоны къух алцæмæй дæр æххæст у. Афæдзмæ энергетиктæ хъуамæ ссыгъдæг кæной, электрон тыхы телты цæджындзтæ цы 47 гектарыл сты, уыцы фæзуат. Ахæм куыст кæнынц æрвылаз дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Электрон тыхы телтæ сыгъдæг кæнынц бæлæстæй

Категория:

Новости и СМИ