Æххуыс уыдзæн
Скъоладзауты æдасдзинад, амалхъом адæймæгтæн æххуыс æмæ хъæуты фæндæгтæ. Ацы æмæ æндæр фарстатæм æркаст абон Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславы республикæйы цæрджытимæ фембæлды. Алагиры скъолайы райдайæн кълæсты ахуыргæнæг Кцойты Мадинæ ракуырдта, се скъолайы раз светофортæ баивын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæ техникон уавæр сæ хæрзтæй нæу. Уый та тæссаг у сывæллæтты цард æмæ æдасдзинадæн. Битарты Вячеслав бафиппайдта, 1-æм сентябрмæ хицауад фæндæгтыл æдасдзинад фæхуыздæр кæнынæн æмбæлгæ мадзæлттæ кæй сараздзæн, уый. Цалцæггонд æрцæудзæн Æрыдоны фæндаджы хай дæр. Бынæттон цæрæг Мыстулаты Алыксандры ныхæстæм гæсгæ, рынчындонæй 3-æм астæуккаг скъоламæ цы фæндаг цæуы, уый тынг æвзæр у. Фембæлды ма хаст æрцыд уынаффæ, республикæйы сæргълæууæджы резервон фондæй царды зын уавæрты чи бахауд, уыцы бинонтæн баххуыс кæнынæн æхца радих кæнын. Уымæй уæлдай ма Дзæуджыхъæуы цæрæг фыццаг къорды инвалидæн балхæндзысты хъæугæ медицинон сынтæг. Битарты Вячеслав зæрдæ бавæрдта, цæрджыты æппæт фарстатæм дæр кæй æркæсдзысты æмæ сæ кæй алыг кæндзысты, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æххуыс уыдзæн
Категория:
Новости и СМИ