Битарты Вячеслав радон хатт бабæрæг кодта Дзæуджыхъæуы цалцæггæнинаг объекттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы сæрдар Æлбегаты Барис радон хатт федтой Дзæуджыхъæуы сæйрагдæр уынгтæ æмæ цæрджыты фæлладуадзæн бынæттæ цы уавæры сты, уый. Семæ ма уыцы куыст кодтой Хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Фæрниаты Тамерлан. Сæ фæндаг фыццаг акодтой Дзæуджыхъæуы, Хетæгкаты Къостайы номыл паркмæ. Ныртæккæ дзы цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ - раззагдæр архитекторты æмæ амайджыты разамындæй. Битарты Вячеслав уым аныхас кодта кусæг къордимæ, проекты авторимæ æмæ подрядон организацийы кусджытимæ. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй объекты куыстытæ афойнадыл хъæуы фæуын. Кусджыты къордæн бабар кодта æндæр уæлæмхасæн куыстытæ. Иннæ ахсджиаг объект уыд, бирæ рæстæг кæуыл кусынц, уыцы Национ музейы бæстыхæйттæ. Уым дæр дарддæр цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Музейы фæзуатыл æрзилгæйæ Битарты Вячеслав хъæндзинæдтæ дæр ссардта. Бахæс кодта, цæмæй æмбæлгæ хуызы растгонд æрцæуой. Инспекцийы архайджытæ ма фæнысан кодтой, иннæ къуыри нæ республикæ æмæ горæты бон кæй бæрæг кæндзысты. Уый тыххæй хъуамæ Сабырдзинады проспектмæ цы ’ввахс уынгтæ сты, уыдон санитарон домæнтæ хынцгæйæ æмбæлгæ уавæры уой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Битарты Вячеслав радон хатт бабæрæг кодта Дзæуджыхъæуы цалцæггæнинаг объекттæ

Категория:

Новости и СМИ