Фадынæгæй эпидемиологон уавæр Цæгат Ирыстоны зæрдæхсаинаг нæу
Ацы аз Фадынæг рабæрæг 21 адæймагмæ. Уыдонæй 9 сты сывæлæттæ. Рынчынты нымæц ивгуыд азимæ абаргæйæ нæ фæуæлдæр. Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды цæгатирыстойнаг управенийы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй адæймаг арæх нæ бамбары ацы низы симптомтæ. Æхснырсæгимæ æмхуызон сты, уымæ гæсгæ фадынæг адæймагыл фæтых вæййы. Йæ сæйраг бæрæггæнæг у буар куы рафады, уæд. Низ раиртасæн ис лабораторийы. Адæймагыл бахæцы микробтæй хъæстæ уæлдæф сулæфгæйæ. Низы ныхмæ хъæуы 2 приивкæйы скæнын. Уæрæсейы фæлхасгæнджыты бартæм цæстдарды цæгатирыстойнаг управленийы пресс-секретарь Цæгæраты Зæринæ: «Йæ æнæниздзинад лæмæгъдæр кæмæн у, уыдоныл низ арæхдæр бахæцы. Низы ныхмæ прививкæтæ саразынц 55 азы онг кæуыл, уыдонæн. Уыдон сты ахуырады, æнæниздзинадхъахъхъæныны æмæ транспортон къабазы кусджытæ». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фадынæгæй эпидемиологон уавæр Цæгат Ирыстоны зæрдæхсаинаг нæу
Категория:
Новости и СМИ