Рухсæздахæг жилеттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

9 лет назад

Фæндæгтыл цæуыны æгъдæутты фæзынд ног домæн. Шофыртæ нырæй фæстæмæ хъуамæ дарой рухсæздахæг уæлæдарæс. Уыцы закъон чи æрхъуыды кодта, уыдон хъуыды кодтой адæмы æдасдзинадыл, фыдбылызтæ къаддæр цæуа, ууыл. Цы йæ `мбæхсæм, æнæрхъуыды шофыртæ нæм фагæй фылдæр ис. Фæндаггон фыдбылызтæ арæхдæр æрцæуынц талынгæй. Кæд ныр уавæр фæхуыздæр уаид. Кæд ныр рухсæздахæг дарæсы гагк никæй цард æмæ хъысмæт баталынг кæнид. Æмæ кæд ацы закъон дунейы рагæй кусы, уæд æм махмæ нырма ныр бахæццæ сты. Табуафси, не сфæлдыстадон къорды уæнгты æрмæг. Арæх фенæм ахæм цау – машинæ фæндаджы былгæрон лæууы, йæ аварион цырæгътæ ссудз-ссудз кæнынц, хицау та хæдтулгæйы хуылф калы. Афтæмæй нырæй фæстæмæ фæндагыл æрлæууыны бар ис æрмæстдæр, йæ уæлæ сæрмагонд жилет кæмæн ис, уыдонæн. Ацы аз закъæттæм цы ивддзинæдтæ бахастой, уыдонæй иу хауы фæндагыл цæуыны æгъдæуттæм. Ног закъонмæ гæсгæ, изæрыгон, талынг рæстæг шофыртæ æнæмæнг хъуамæ дарой рухсæздахæг уæлæдарæс. Жилеты уæз дæр, йæ аргъæй фылдæр нæу – 150-200 граммы. Æдасдзинадæн ахъаз у, уымæй сæйрагдæр та цы ис. Закъон æрхъуыдыгæнджыты уырны, ацы ивддзинад фидæны фыдбылызтæй бахизынæн ахъаз кæй уыдзæн. Æмæ кæд ног закъоны тыххæй, машинæйы хицæуттæ иууылдæр нæма фехъуыстой, уæддæр йемæ сты разы. Æмбарынц æй, ног домæн хъæугæ кæй у, уый. Хъыгагæн, бирæты уыцы заинхæссæг цаутæ ницæуыл ахуыр кæнынц æмæ ног домæныл не ууæндынц – пъæлицæйæгтæн, дам, ног фадат фæзынд, адæмæй æхца стъигъынæн. Фæлæ фæндæгтыл æдасдзинады инспекцийы кусджыты ныхæстæм гæсгæ, рухсæздахæг жилеттæ дарын у æппæт дунейы закъон. Шофыртæй цас фылдæр рухсæздахæг жилеттæ дарой, уый бæрц фæндаггон фыдбылызтæ къаддæр кæндзысты. Уымæн æмæ, дзаумæтты æрттиваг элементтæ дардмæ раиртасæн ис. Адæймаг уайтагъд йæхи аиуварс кæндзæн. Шофыртæ рагацау райдыдтой хъæлæба кæнын. Ног закъонмæ гæсгæ, барадхалæджы ивар нæ кæндзысты. Нырма уал. Закъонтæ рог сылгоймаг йæ хæзгулты куыд раив-баив кæна, афтæ 5 минуты нæ лæууынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Рухсæздахæг жилеттæ

Категория:

Новости и СМИ