Анкарайы байгом кодтой ирон æвзаджы клуб
Анкарайы байгом кодтой ирон æвзаджы клуб. Архайын дзы сæ бон у ирон æвзаг базонын кæй фæнды уыдонæн сеппæтæн дæр. Къорды ныридæгæн архайы 7 адæймаджы. Сæ фылдæр сты Турчы цæрæг ирæттæ. Уроктæ арæзт цæуынц къуыри 1 хатт. Архайджыты ныхæстæм гæсгæ, ахуыртæ рауайынц цымыдисаг, ахуырдзаутæн хæдзармæ куыст нæ раттынц. Сæйрагдæр та уый у æмæ ныхас фæкæнынц æрмæстдæр иронау. Мах аныхас кодтам уыцы ирон æвзаджы клубы иу архайæгимæ, Турчы цæрæг Нæхъуысаты Мелекимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Анкарайы байгом кодтой ирон æвзаджы клуб
Категория:
Новости и СМИ