Алагиры сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары сабитæ сæхæдæг æмбырд кæнынц хæдтæхджытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

11 просмотров

7 лет назад

Алагиры сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары сабитæ сæхæдæг æмбырд кæнынц хæдтæхджытæ. Куыд хуымæтæг, афтæ техникон æгъдауæй зындæр арæзт чи у, ахæмтæ дæр. Авиамоделон спортæй архайын кæй фæнды, уыдоны нымæц алкæддæр бирæ вæййы. Къорды хъомылгæнинæгтæн сæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд. Хæрз æрæджы Европæйы ерысты бацахстой дыккаг бынат. Куыд æмбырд кæнынц хæдтæхджыты алы хуызтæ? Цыбырты Валерий хæдтæхджытæ æмбырд кæнын райдыдта 4 азы размæ. Алагиры сывæллæтты сфæлдыстады хæдзармæ фыццаг хатт куы ‘рбацыд, уæд афтæ сцымыдис æмæ дзы абон дæр ма зæрдиагæй архайы. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй хæдтæхæг сæмбырд кæнын хуымæтæг хъуыддаг нæу. Дыууæ мæйæ къаддæр ын нæ бахъæуы. Йæ алы хай дæр хи къухтæй арæзт вæййы. Ныртæккæ кусы F1 P, зæгъгæ, хæдтæхæгыл. Хæрзæрæджы Европæйы авиамоделированийæ цы ерысты уыд æрыгæтты 'хсæн, уым дæр ахæм хæдтæхæджы хуызимæ архайдта. Ерысты йæхи æнтыстджынæй равдыста. Бацахста дзы дыккаг бынат. Авиамоделированийæ Цыбырты Валерийæн йæ фыццаг æнтыстдзинæдтæ не сты. Уый размæ Уæрæсейы ерысты дæр дыккаг бынат бацахста. Стæй ма дунейы кубокы дæр æнтыстджынæй бацархайдта. Европæйы чемпионаты Валерий æмæ Полинæ Полякова уыдысты Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы минæвæрттæ. Сæ руаджы Уæрæсейы командæйы бæрæггæнæнтæ дæр хорз рауадысты. Фæсивæдæн стыр æххуыс вæййынц сæ ахуыргæнджытæ дæр. Кæддæриддæр сæм сæ цæст дарынц. Ацы къорды кæддæриддæр бирæ фæсивæд вæййы. Уæлдайдæр фæззæджы. Куыд фæстæдæр, афтæ сæ нымæц фæкъаддæр вæййы. Уымæн æмæ авиамоделон спортæй архайынæн куыстуарзон æмæ сæрæн уæвын хъæуы, зæгъгæ, зæгъы Мæрзойты Игорь. Æппæт хæдтæхджытæ дæр сабитæ сæхи къухтæй саразынц. Фыццаг уал хуымæтæг хуызтæй райдайынц, стæй уæд техникон æгъдауæй зындæр арæзт чи у, уыдонмæ рахизынц. Фидæны сæм стыр æнтыстдзинæдтæ кæй æнхъæлмæ кæсы, ууыл дызæрдыг нæ кæнынц. Дарддæр дæр сабиты арæхстдзинад ацы спорты хуызæй уæлдæр кæныныл архайдзысты Алагиры сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары. Ныр та уал сæхи цæттæ кæнынц октябры Цæгат Кавказы федералон зылды радиопланертæй ерыстæм. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Алагиры сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары сабитæ сæхæдæг æмбырд кæнынц хæдтæхджытæ

Категория:

Новости и СМИ