Фосæн куыд хæрын кæнай - дзидза дæр афтæ уыдзæн
Тыллæг афоныл бафснайыныл, æвæццæгæн, Санибайы цæрæг Царахаты Сослан дæр рагацау ахъуыды кæны. Æмæ куыннæ! Хъæууонхæдзарадон куыстытæ кæнын райдыдта æртæ азы размæ. Дары стурвос æмæ сæм, раст цыма адæймæгтæ сты, уыйау зилы. Ныртæккæ йæм æдæппæтæй ис фæндзай сæры. Хур куыддæр скæсы, афтæ та Сослан йæ цыппæркъахыг хайуанты цур балæууы. Нæ уацхæссæг Гуыссауты Виктория хурыскастæй фæстæдæр фембæлд Сосланимæ, фæлæ йæ уæддæр баййæфта йæ фосмæ зилгæйæ. Хур куыддæр скæсы, афтæ "Майæ", ахæм ном ыл сæвæрдта нæ сюжеты хъайтар Сослан, æнхъæлмæ кæсын райдайы йæ хицаумæ. Нæлгоймаг фос дары. Æмæ дзы се `ппæты `хсæн хъулон кæны ацы роды. Уæвгæ, ахæм цæрæгойы куыд нæ бауарздзынæ. Стыр цæстытæ, дард цæстыхаутæ æмæ аив бакаст. Санибайы цæрæг Царахаты Сосланæн йа бон райдайы фосмæ зилынæй. Хъæууонхæдзарадон куыст кæнын райдыдта æртæ азы размæ. Уыдис æм цыппар стуры. Ныртæккæ та йæ фосы нымæц зынгæ фæфылдæр. Ис йæм æвддæс галы, цыппæрдæс хъуджы, æмæ фараст роды. Хойраг сын ссарын ахсджиаг фарста у, фос чи дары уыдонæн, уæлдайдæр та зымæджы. Сослан йæ фосмæ хорз зилы. Куыд нын радзырдта, афтæмæй йын æххуысгæнæг нæй, архайы йæхи тыхтæй. Ласы сын æнтыд, самал кодта хъугдуцæн техникæ æмæ æндæр алыхуызон кусæнгæрзтæ. Фосæн куыд хæрын кæнай - дзидза дæр афтæ уыдзæн. Уæлдайдæр та, æхсыр чи дæтты, уыцы фос. Уыдонæн хъæуы æмхæццæ хæринаг. Продукцийы хæрзхъæддзинад уæд ноджы хуыздæр уыдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фосæн куыд хæрын кæнай - дзидза дæр афтæ уыдзæн
Категория:
Новости и СМИ