Платы Альбинæйы разамындæй ацыд æнахъом сывæллæтты фарстаты фæдыл ведомствæты 'хсæн къамисы æмбырд

Хицауады сæрдары хæдивæг Платы Альбинæйы разамындæй ацыд æнахъом сывæллæтты фарстаты фæдыл ведомствæты 'хсæн къамисы æмбырд. Сæйрагдæр хъуыддæгты хыгъды æнахъомты 'хсæн барадхæлдтытæ ма 'руадзын, æрыгон адæмы закъонхæлдтытæй бахизын. Республикæйы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джусойты Руслан куыд загъта, афтæмæй фæсивæды социализацийы Центры æппынæдзух кусынц сывæллæттимæ æмæ сæ ныййарджытимæ. Семæ архайынц профилактикон мадзæлтты. Кæнынц сын юридикон æмæ психологон æххуыс. Æмбырды ма ныхас цыд æнахъом сывæллæттæн рæстæгмæ куысты бынæттæ ссарыныл. Ведомствойы разамонæг Цъæхилты Чермен куыд радзырдта, афтæмæй ацы азы райдианæй æнахъомтæн куыст ссарыны фæдыл организацитимæ бафыстой 45 бадзырды. Мадзалы бацархайдта 639 æрыгон адæймаджы. Æрвылазон акци «Наследники Победы»-йы фæлгæты мемориалтæ æмæ цыртдзæвæнтæ ныссыгъдæг кæнынмæ фæдзырдтой 370 сывæллонмæ. Æмбырды кæронбæттæн ма Платы Альбинæ бæлвырд хæстæ сæвæрдта дзуапдæттæг ведомствоты раз.

Иконка канала IRYSTONTV
1 452 подписчика
12+
16 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии