Пайдайаг бадзырд
Абон сывæллæтты технопарк "Кванториум" йæ фыццаг бадзырд бафыста Цæгат Ирыстоны Паддзахадон Университетимæ. Инновацион центры разамонæг Алексей Котецы ныхæстæм гæсгæ, фидæны технопаркмæ хондзысты алыхуызон наукæты докторты. Уый ахъаз уыдзæн сывæллæтты зонындзинæдтæ уæрæхдæр кæнынæн. Уымæй уæлдай ма Цæгат Ирыстоны Паддзахадон Университеты студенттæ практикæйы хуызы цæудзысты "Кванториум"-ы. Уый ма пайда уыдзæн уымæн, æмæ студенттæ сæ зонындзинæдтæ хъæугæ техникон кусæнгæрзтыл фæлвардзысты. Ахуырдзаутимæ араздзысты алыхуызон фæлтæрæнтæ. Алексей Котец, технопарк «Кванториум»-ы разамонæг: «Цæгат Ирыстоны Паддзахадон Университетимæ æмгуыстад кæндзыстæм. Иумæ араздзыстæм алыхуызон мадзæлттæ. Кæрæдзийæн нæ зонындзинæдтæ не `вгъау кæндзыстæм. Уый хъæуы уыйтыххæй, цæмæй институттæ хъаст ма кæной абитуриентты зонындзинæдтæй. Фæсивæд фидæны хъуамæ уæлдæр ахуырадмæ æнцонтæй цæуой». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Пайдайаг бадзырд
Категория:
Новости и СМИ