Нæ рауайдзæн
Уæрæсейы хицауад æнæ ОСАГОйы полисæй чи цæуы, уыцы шофырты ивартæ фæфылдæр кæныны фарс нæ рахæцыд. Раздæр ацы уагхæлды тыххæй æфхæрæн мадзæлттæ фæкарздæр кæныны хъæппæрис рахаста паддзахадон думæйы депутат Сергей Восстрецов. Се 'мгъуыд кæмæн фæци, ахæмтимæ кæнæ бынтон æнæ фæдзæхстадон гæххæттытæй чи цæуы машинæйыл, уыдоны ивартæ фæфылдæр кæнинаг уыдысты 5 мин сомы онг. Уый тыххæй хъусын кæны информацион агентад "Интерфакс". Фæдзæхстадон базары специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй фылдæр ивартæ уагхæлдтытæ нæ фæкъаддæр кæндзысты. Уымæй уæлдай ма, хицауады минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, закъондæттынадмæ ахæм хъæппæрис бахæссынæн фаг бындур нæ уыд. Уæрæсейы уагхæлдтытæн нæ анализ конд нæй, нæ сæ статистикæ цæттæ нæу. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ныртæккæ зæронд полисимæ чи цæуы, кæнæ шофыр фæдзæхстадон гæххæттытæм хаст куы нæ уа, уæд ивары бæрц у 500 сомы. Бынтон æнæ полисæй чи тæры машинæ, уыдоны ивар та у 800 сомы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Нæ рауайдзæн
Категория:
Новости и СМИ