Æвдыстой сæ арæхстдзинад
Цæгат Ирыстоны полигон «Шалхи»-йы сарæзтой 58-æм æфсады службæгæнджыты хсæн ерыстæ. Сæ тыхтæ фæлвæрдтой хæцæнгарзæй æхсынæй. Ерысты архайдтой 17 иугонд командæйы, сыхаг æфсæддон хайадтæй æмæ хæххон полигон Дайранæй. 150 æфсæддоны хæцæнгарзæй æхстой рæстæгмæ. Турниры архайджыты хсæн уыд 2 спорты мастеры, 13 - спорты мастеры кандидаттæ. Уæлахиздзаутæ дарддæр архайдзысты 58-æм æфсады иугонд командæйы Хуссар æфсæддон зылды ерысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æвдыстой сæ арæхстдзинад
Категория:
Новости и СМИ